Джиоты Отар

Куыд царды алы къабæзты, афтæ спорты дæр, стыр уæлахизтæ æмæ сгуыхтдзинæдтæ райдайынц сæ бындурæвæрджытæй. Уыдоны нæмттæ хъуамæ зоной, сæ фæстæ цы фæлтæртæ рæзынц, уыдон цы бындур сарæзтой, ууыл стыр мæсгуытæ чи самайы æмæ стыр кады аккаг чи свæййы, уыцы адæймæгтæ дæр. Абон Ирыстоны спортивон историйыл дзургæйæ, сæрыстыр стæм æгас дунейы дæр нын, цы амæй-ай æвзыгъддæр спорты хъайтарты нæмттæ зонынц, уыдонæй. Уыцы адæймæгты стыр æнтыстдзинæдтыл цин кæнгæйæ, зæрдыл æрлæууынц, кæддæр спорты алы хуызты не спортсментæн фæндагкъæртгæнæг чи уыди, уыцы æвзыгъд хистæртæ. Уыдонмæ хауы, мæйы размæ йæ цардæй чи ахицæн, уыцы спорты ветеран Джиоты Отар. Абон спорты мастеры ном райсын диссаг никæмæуал кæсы, фæлæ ивгъуыд æнусы, суанг 1970-æм азты онг, Советон Цæдисы спорты мастер суæвынæн хъуыди стыр сгуыхтдзинæдтæ равдисын. Зæгъæм, хъæбысхæсты, уыцы номы аккаг суæвынæн, хъуамæ Советон Цæдисы чемпионаты бацахстаис 1 — 6-æм бынат. Уæрæсейы чемпионаты та бацахсын хъуыди 1 — 3-æм бынæттæ. Уыди ма дзы æндæр домæнтæ дæр. Джиоты Отар уæгъдибар хъæбысхæстыл фæцалх ис Беслæны, Быгъуылты Габийы разамындæй. Чысыл фæстæдæр Дзæуджыхъæуы йæ иннæ тренер Абайты Барисы разамындæй, йæхиуыл куыста спортивон æхсæнад «Динамо»-йы. Ам ма-иу, Отармæ йæ цæст фæдардта нæ таурæгъон тренер Дзгойты Аслæнбег дæр. Куыстуарзаг, æнæзивæг хъæуккаг лæппу, йæ тренерты амындтытæ æххæст кодта æнæкъуылымпыйæ, æмæ цыбыр рæстæгмæ, йæ карæнты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты бацахста 1-аг бынат. Хорз рахæцыд ас спортсменты ерысты дæр: сси Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы Хуссар хайы чемпион. Фæстæдæр та фесгуыхт Уæрæсейы чемпионаты, æмæ сæххæст кодта спорты мастеры домæнтæ. Раст уыцы рæстæг, спортивон æхсæнад «Динамо»-йы тренер Вараздат Григоряны разамындæй райдыдтой самбойæ ахуыртæ. Отармæ цымыдисаг фæкасти уыцы спорты хуыз, æмæ афæлвæрдта уыдонимæ йæ хъару бавзарын. Самбо йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыди, æмæ цыбыр рæстæгмæ æрлæууыд тыхджындæр самбисттæ: Кæсойты Сократ, Чертхъоты Гурам, Юрий Аветисян, Азат Манукян æмæ иннæты æмрæнхъ. Отар æнтыстджынæй ерыс кодта бирæ хæттыты. Сси уæлахиздзау Советон æфсады чемпионаты, 1-аг бынæттæ бацахста: Уæрæсейы, Æппæтцæдисон спортивон æхсæнад «Уари» æмæ Советон Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады чемпионатты. Æппæт уыцы æнтыстдзинæдты фæрцы йын лæвæрд æрцыд спорты мастеры ном самбойæ. Отар 1969 азы каст фæци Цæгат Ирыстоны педагогон институт æмæ кусын райдыдта Цæгат Кавказы паддзахадон хъæууонхæдзарадон институты физикон цæттæдзинады тренер-ахуыргæнæгæй. Ацы ран зæрдиаг куыст фæкодта бирæ азты дæргъы. Кæстæртæн уыди уарзон ахуыргæнæг. Куыд хистæр, афтæ уыди йæ кæстæртæн зондамонæг æмæ аудæг. Йæ хæларзæрдæ æмæ æмгаруарзаг уды хъæд ын дæнцæгæн хастой йе ‘мбæлттæ, йе ‘мкусджытæ æмæ йæ хæлæрттæ. Отаримæ æфсымæрты цард чи фæкодта, уыдонæй иу, зындгонд спорты ветеран Мырыкаты Саукуыдз зæгъы: «Отаримæ мах балымæн стæм хæрз æрыгæттæй. Йæ сыгъдæгзæрдæ, уды хъæдæй йæхи бауарзын кодта мæ ныййарджытæн дæр. Отар уыд æнæхин, цæстуарзон адæймаг. Мах-иу фæнды ахуырты, фæнды ерысты уæвгæйæ дæр, кæрæдзийæн уыдыстæм ныфсы хос. Отарæн кæд уыцы рæстæг бынтон хорз уавæртæ нæ уыди, уæддæр сси тынг хорз спортсмен. Æнтысгæ дæр ын гыццыл нæ бакодта, уæлдайдæр та, фылдæр сгуыхтдзинæдтæ равдыста самбойæ хæцгæйæ. Йæ цырд æмæ рæсугъд архайды тыххæй йын стыр аргъ кодтой куыд спортуарзджытæ, афтæ спортивон специалисттæ дæр. Æз мæхи амондджыныл нымадтон, Отары хуызæн хæлар мын кæй ис, уымæй. Хъыгагæн, мæлæтдзаг низ фæтых и мæ уарзон хæларыл, æмæ ацыд йе ‘нусон бынатмæ. Зæрдæйы баззадысты йæ фæлмæн, зæрдæхæлар мидбылхудт, йæ уарзон цæстæнгас, йæ лæгдзинад. Ахæм æмгарæн нæй рохгæнæн. Уырны мæ, кæд дзæнæт æцæгæйдæр ис, уæд Отарæн йæ бынат уым хъуамæ уа». Саукуыдзы, ацы ныхæстимæ разы у Отары иннæ æмбал, спорты зындгонд ветеран Золойты Алик: «Отар уыд æнæхин æмгар. Курдиатджын богал уæвгæйæ ма уыд æцæг ирон æгъдауджын лæг дæр. Мах æрыгæттæй ерысты арæх архайдтам иумæ, фæстæдæр та иумæ кусгæ дæр кодтам. Алы ран дæр Отар йæхи равдыста æвæджиауы, хиуылхæцæг æмæ æгъдауджын адæймагæй. Уыди, мæнæ иу афтæ кæмæй загътой: «Йемæ сгарæгæй дæр ацæуæн ис», зæгъгæ, ахæм лæг. Зын у ахæм æмгæрттæй фæхицæн уæвын, фæлæ хъысмæты ныхмæ тохгæнæн нæй. Фæнды мæ, цæмæй Отары хуызæн спортсменты нæмттæ рох ма уой. Уыдонæн кæд, абон фæсивæдæн цы уавæртæ ис, ахæмтæ нæ уыди сæхиуыл кусынæн, уæддæр сæ лæгдзинад æмæ курдиатæй стыр лæггæдтæ бакодтой не спорты сырæзтæн. Уый хъуамæ зоной нæ кæстæртæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ». БАСКАТЫ Уырызмæг